1-æм июлы Уæрæсейы бæрæг кæнынц хæстон цауты ветеранты бон

Æхстыты уынæр æмæ тар арв тагъд свæййы царды æцæгдзинад. Бинонтыл æмæ хæстæджытыл хъуыдытæ тых дæттынц тохы бынаты, зæгъы Алыбегты Роман. Хæдзармæ куы ссыд, уæд иу цасдæр сабырдзинадыл йæ бон фæцахуыр уæвын нæ уыд. Æфсæддон зонæйы баззадысты хæстон хæстæ кæимæ æххæст кодта, уыцы æмбæлттæ, хæлæрттæ. Æфсæддон комиссариатмæ Роман йæхæдæг æрбацыд. Мобилизацийы тыххæй куы фехъусын кодтой, уæд æй бамбæрста фæсте кæй нæ баззайдзæн. Нæ йæ бауырæдтой йæ бинойнаг æмæ цыппар сывæллоны дæр. Цæттæгæн мадзæлтты фæстæ хæстоны арвыстой Херсоны облæстмæ. Бавзæрста цалдæр контузийы. Ветеранты ассоциацимæ бахауд æнæнхъæлæджы. Фæндыдис æй нæ лæппутæн баххуыс кæнын. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хæстон цауты ветеранты ассоциацийы æххуыс кæнынц æппæт фарстаты фæдыл. Æнæниздзинад фæхуыздæр кæнын, куыст ссарын. Иу ныхасæй сабыр цардмæ раздæхын. Романæн ис цалдæр хæрзиуæджы æмæ ма уыцы иу рæстæг кусы сывæллæтты реабилитацион центр "Доброе сердце"-йы, зын уывæрты чи бахауд, уыцы бинонты сывæллæттæн æххуыс кæны. Æрæджы та ма сси Беслæны 8-æм скъолайы директоры уынаффæгæнæг æфсæддон-патриотон хъомылады фæдыл. Абайты Азæмæт та директоры уынаффæгæнæгæй кусы Цæгат Ирыстоны педагогон колледжы. Хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, нæлгоймаг йæ къах фесæфта Донецкы облæсты Клещеевкæйы бынмæ. Йæ нысанмæ цæугæйæ, хъамылты ныллæуыд минæйыл. Сахаты æмбис æмбæхт знаджы дронтæй, йæ къæхтæ пырх, афтæмæй. Тохы быдырæй йæ ракодта йе 'фсæддон хæлар. Хæдзармæ раздæхгæйæ - реабилитаци æмæ æнæрлæугæ цыд дохтыртæм. Протезимæ Азæмæтæн цæуын æнцон у. Колледжы кусын йæ зæрдæмæ цæуы, зæгъы нæлгоймаг. Фæсивæд иудзинад æмæ патриотизмыл ахуыр кæнын ныр тынг ахсджиаг æмæ æнæмæнг хъæугæ у. Уым, фронты фембæлд адæмимæ, уыдоны фæнды нæ истори æрмæст фесафын нæ, фæлæ йæ ногæй ныфыссын. Ноджы тасдæр та уый у, æмæ сæ сывæллæттæм гуырын кæнынц æвзæр ахастдзинад Уæрæсемæ. Мах фæндыд æмæ фæнды цæмæй цард уа æдас, зæгъы ветеран. Æмæ ууыл студенттæн æмæ скъоладзаутæн дзурын тынг ахсджиаг у. Азæмæтыл уайтагъд фæцахуыр сты сывæллæттæ æмæ ног коллектив. Азæмæт æмæ Роман сты хæстон цауты ветерантæ. Абон у сæ бæрæгбон. Æмæ ма нæ бæстæйы интерестæ чи хъахъхъæны, уæлахизыл чи тох кæны æмæ сабыр фидæн кæй уырны, уыдоны се 'ппæты дæр. КЦОЙТЫ ТАМИЛÆ, ГАБОЛАТЫ ВИКТОРИЯ, ДУДАЙТЫ АРСЕН

Иконка канала IRYSTONTV
1 428 подписчиков
12+
13 просмотров
6 дней назад

, чтобы оставлять комментарии