Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады фарстаты фӕдыл æмбырд

Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады фарстаты фӕдыл æмбырд. Архайджытӕ ӕрныхас кодтой хъӕбӕр коммуналон хауæццæгты уавӕрыл, бырӕттӕ ӕфснайыныл, контейнерты фӕзтыл. Сӕргълӕууӕг бабар кодта быронласæг организациты комплексон æгъдауæй сбæрæг кæнын, сӕрмагонд техникӕйӕ, кадртӕй æххæстдзинадæн аргъ скӕнын. Фарстатӕй иу — районты фиддонты дисциплинӕ. Ныхас ма цыд хъæбæр коммуналон хауæццæгтыл бакуысты нырыккон комплексы проектыл дӕр. Быронæвзарæн комплекс ацы аз бакӕнынвӕнд кӕнынц. Уый фадат ратдзӕн быронимæ баст системӕ ног ӕмвӕзадмӕ ракӕнынӕн, сортировкӕйы ӕмӕ бакуысты гуырахст фӕфылдӕр кӕнынӕн, уыимæ экологон уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 428 подписчиков
12+
3 просмотра
4 дня назад

, чтобы оставлять комментарии