Балц Захъагоммæ I Фыдæлты уæзæгмæ
Нæ фыдæлтæ фыццагдæр цы зæххыты æрцардысты, уыдонæй иу у Туалгом. Цæгат Ирыстоны туалтæ цардысты Мамысон, Захъагом, Зруггом, Цми, Гуыркъуымты ком, Уарцъегом, Джинат æмæ Фаллаг комы. Уыдонæй бабæрæг кодтам Захъагом. Абоны мыггæгты фыдæлтæ дзы æрцардысты 15-16 æнусты. Æмæ дзы равзæрд 12 хъæуы.