Нæ республикӕйы цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынц, чи фӕмард, уыцы хъӕбатырты ном
Нæ республикӕйы цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынц, чи фӕмард, уыцы хъӕбатырты ном
Парти "Иугонд Уӕрӕсе" кæронмæ хæццæ кӕны "Адӕмон программӕйӕн" ног хъуыдытæ æмбырд кӕныны куыст. Ацы документ аразынц ӕмбӕстӕгты фӕндӕтты бындурыл. Арӕхдӕр адӕм курынц парктӕ ӕмӕ уынгтӕ, медицинӕ ӕмӕ ахуырад фӕхуыздӕр кӕнын. Ӕппӕт регионты цӕрджытӕн дӕр хъуамӕ уой ӕмхуызон уыцы лӕггӕдтӕ. Цӕгат Ирыстонӕй арвыстой æхсæрдæс мин хъуыдыйӕ фылдӕр. Бирӕтӕ сæ уыдысты программӕйы ивгъуыд пъланты. Иутæ сæ хицауад ныридæгæн сӕххӕст кодтой, иннӕтыл — куыст цæуы. Фæлæ фарстатæй иуӕй-иутæ нырма лыггонд не 'рцыдысты. Ног пъланмӕ сӕ бафтаудзысты. Цӕттӕ документ, адæмы хъуыдытæ хынцгæйæ, равдисдзӕн партийы сӕйраг хӕстӕ хæстæг рæстæгмæ.