Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы уыд концерт Донбассы сывæллæттæн
«Зæрдæйæ зæрдæмæ», зæгъгæ, концерт ацыд Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжы Дзæуджыхъæуы. Сæрмагондæй йæ сарæзтой Донбассы сывæллæттæн. Студенттæ бацæттæ кодтой концертон номыртæ. Се 'хсæн хореографион æмæ инструменталон равдыстытæ. Уымæй уæлдай ма, æрæджы колледжæй Донецкмæ арвыстой гуманитарон æххуыс. Уымæй уæлдай ма ахуыргæнæн уагдон архайдта кафты æппæтуæрæсеон флешмобы дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv