Цæрикъаты Римæ æмæ Хуадонты Нинæ I Мыггагæй мæ бафæрс
Дыууæ адæймаджы куы базонгæ вæййынц, уæд, æнæмæнг, кæрæдзийы афæрсынц, кæмæй дæ, зæгъгæ? Æмæ хæрæфыртæй та? Уымæй аргъ скæнынц адæймагæн, стæй æнæхъæн мыггагæн дæр. Уæдæ уæ нæ абоны равдыст «Мыггагæй мæ бафæрс»-ы хæстæгдæр базонгæ кæндзыстæм аивады кусджытимæ – Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры актрисæ Цæрикъаты Римæ æмæ йæ мад, Паддзахадон дыгурон театры актерты уæлæдарæсыл кусæг Хуадонты Нинæимæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv