Донецк æмæ Луганскæй лыгъд адæмæй «Юность»-ы чи цæры, уыдон республикæйы уагдæттæй райстой æххуыс
Донецк æмæ Луганскæй лыгъд адæмæй «Юность»-ы санаторийы чи цæры, уыдон республикæйы уагдæттæй райстой æххуыс. Исæнуаты фæрстытæн дзуæппытæ лæвæрдтой юристтæ, юстициты министрад æмæ миграцион службæйы кусджытæ, граждайнаг уавæры тыххæй арæзт актты бюро, уыимæ адвокатон палатæйы специалисттæ. Консультацимæ æрбацыд 30 адæймаджы. Алы курдиатмæ дæр уыдзæн бæстон æркаст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv