Цæгат Ирыстоны фтизиатртæ сбæрæг кодтой сæ профессионалон бæрæгбон-тарнизы ныхмæ тох кæныны бон
Цæгат Ирыстоны фтизиатртæ сæ профессионалон бæрæгбоны фæлгæты архайдтой сæрмагонд мадзалы. Специалисттæ бакастысты докладтæ, радзырдтой дзы сæ куысты хатдзæгтæ. Фæстаг æртæ азы тарниз кæмæ рабæрæг вæййы, стæй дзы чи амæлы, уыцы адæмы нымæц фæкъаддæр. Фидæнмæ нысӕнтты тыххæй дзургæйæ та, фæнд кæнынц сывæллæтты стационары корпусы арæзтад. Уыдзæн дзы 34 бынаты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv