Уæрæсейы банчы системæ кусы æнæ къуылымпыдзинæдтæй
Уæрæсейы банчы системæ дарддæр кусы æнæ къуылымпытæй. Æппæт операцитæ дæр æххæстгонд цæуынц æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ. Æхцайы фæрæзтæ исыныл тагъд кæнынæн аххосæгтæ нæй. Уый тыххæй фехъусын кодта, Сбербанкы пресс-службæ. Нæ бæстæйы ныхмæ цы санкцитæ нысангонд æрцыд, уыдон никуыд ахадынц банчы архайдыл. Цæрджытæн банчы бæлвырд лæггæдты фæдыл сæ бон у куыд сæрмагонд офистæм цæуын, афтæ банкомат æмæ мобилон уæлæфтуанæй пайда кæнын. Картæтæ Visa æмæ Mastercard дæр дарддæр кусынц. Сбербанкы ма куыд фæнысан кодтой, афтæмæй санкцитæм цы картæтæ бахаудысты, уыдон кусдзысты нæ бæстæйы. Пайдагæнджыты фæрæзтæн тæссаг ницæмæй у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv