Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Арвыкомы фæндаг сæхгæдтой уæзласæн хæдтулгæтæн. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Абон 17 сахатыл фæндаг сæхгæдтой Гуырдзыстоны `рдыгæй, боныхъæд æвзæры `рдæм кæй аивта, уый аххосæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ сидынц бæлцæттæм, цæмæй æнæбары цыд ма кæной. Фæндаггон фыдбылызы куы бахауой, уæд та хъусын кæной сæрмагонд службæтæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv