Мӕскуыйы уыд парти "Иугонд Уæрæсе"-йы 23-ӕм съезд

Мӕскуыйы уыд парти "Иугонд Уæрæсе"-йы 23-ӕм съезд. Йæ архайджытӕ сфидар кодтой Паддзахадон Думӕмӕ ӕвзӕрстытӕм кандидатты номхыгъд. Кампани ацӕудзæн фӕззӕджы. Мадзалы архайдта Цӕгат Ирыстоны делегаци дæр. Йæ сӕргъы — регионы разамонæг Сергей Меняйло. Съезды размӕ регионы уыд рагагъоммӕйы æвзæрстытæ. Сæ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ раззагдӕртӕ систы Мӕхъиты Зураб ӕмӕ Таймазты Артур — Паддзахадон Думӕйы ныры депутаттӕ. Дыууӕ кандидаты дӕр хаст æрцыдысты партийы сӕйраг федералон номхыгъдмӕ. Съезды уыдысты регионты разамонджытӕ, Хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ сенатортӕ. Мадзаларазджытæ ӕрбахуыдтой "Иугонд Уæрæсейы" ветеранты дæр — сæ фæлтæрддзинад 20 азæй фылдæр кæмæн у, уыдоны. Ацы аз партийыл æххæст кӕны 25 азы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 429 подписчиков
12+
5 просмотров
9 дней назад

, чтобы оставлять комментарии