Козырты-Азиаты Азӕ I Уидæгты ирдгæ
Хӕдзары артдзӕсты хъарм, бинонты фарн кӕмӕй цӕуы, ахӕм хистӕр у нӕ равдысты хъайтар - зилгӕйаг Козырты-Азиаты Азӕ. А-дунемӕ рантыст цинтӕ ӕвзарынгӕнӕг афӕдзы афонтӕй иуы, уалдзӕджы, 1 майы 1922 азы. Йӕ сӕдӕ азы йыл кӕд сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр адӕмы дисы `фтауы ацӕргӕ сылгоймаджы уӕнгрогдзинад ӕмӕ циндзаст цæсгом. Кӕйфӕнды зӕрдӕ дӕр балхӕны йӕ уды хъарм ӕмӕ йӕ фӕлмӕн мидбылхудтӕй.