Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой амалиуæгты 'хсæн Æппæтуæрæсеон æркасты уæлахиздзауты
Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой Æппæтуæрæсеон æркаст «Экспортёр года»-йы уæлахиздзауты. Бацархайдтой дзы егъау куыстуæттæ, чысыл æмæ астæуккаг, стæй хи амалхъомадыл хæст минæвæрттæ. Афæдзы дæргъы йӕхи хуыздæр чи равдыста, уыдоны сбæрæг кодтой фондз номинацимæ гæсгæ: промышленносты къабаз, сæрмагонд лæггæдтӕ, уæлдæр технологитæ, агропромышленон комплекс æмæ трейдертӕ. Амалиуæгтæн раарфæ кодта амалхъомадæн æххуысы фонд. Уымæй уæлдай ма, райстой Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv