Проект "Хъӕбатырты цӕсгӕмттӕ" скъолаты кӕртытӕм сгуыхтдзинӕдты истори здахы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

18 часов назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Проект "Хъӕбатырты цӕсгӕмттӕ" скъолаты кӕртытӕм сгуыхтдзинӕдты истори здахы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

18 часов назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

18 часов назад

Зæронд агуыридурӕй амад къулыл — тӕхӕг-ас Василий Коняхин. Ӕрхоны станицӕйы 2-ӕм скъола йӕ ном хæссы. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг ын уыд 227 хӕстон атахты. Йӕхӕдӕг ӕрӕппӕрста знаджы 17 хӕдтӕхӕджы. Ирыстонмæ 'рыздæхт Советон Цӕдисы Хъӕбатырæй. Йӕ цӕсгом сыгъд уыдис ӕмӕ цӕстӕй нал уыдта. Уӕддӕр йӕ къухтæ не ' руагъта. Каст фӕци техникум, арӕзта хӕдзӕрттӕ, фӕстӕдӕр та æрлӕууыд Терчы хъазахъхъаг ӕфсады сӕргъы. Зӕронд къулыл ныв кӕнын æнцон нæу, фазтæ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ. Раздӕр эскиз саразын. Стӕй йӕ къулмӕ рахӕссын проекторæй. Уый фӕстӕ райдайы бынаты куыст. Ацы ран ӕз пайда кӕнын шпаклевкӕйӕ. Къултӕ сты къуыппытӕ 'мӕ дзыхъхъытӕ, уымӕ гӕсгӕ сыл ахорӕн нӕ фидар кæны. Уый фæдыл æрхъуыды кодтам сӕрмагонд технологи: ныв кӕнӕм фасадты урс цемент шпаклевкӕйӕ. Уый фидар у уымӕл ӕмӕ ӕвзӕр боныхъӕдмæ. Нывгӕнӕг арæхдæр равзары графикæ. Сӕтты, цӕсгом ныв кӕнын ӕппӕтӕй зындӕр кӕй у, ууыл. Цалдæр хатты дæр æрхизы зӕхмӕ, иуварс ацӕуы ӕмӕ скӕсы эскизмӕ. Ахӕм техникӕйы фыццаг хатт нӕ кусы. Уый размӕ урс шпаклевкӕйӕ сныв кодта Алагиры скъолайы къулыл Баситы Чабӕханы портрет. Скъоладзаутӕ кӕддӕриддӕр цымыдисӕй фæкӕсынц нывгӕнджыты куыстмӕ. Сывӕллӕттӕ-иу ӕрбацыдысты ӕмӕ-иу нӕм фӕрстытӕ лӕвӕрдтой. Арæхдæр алцыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ фæцæуы. Ӕрхоны станицӕйы скъола у стыр патриотон проекты иу хай. Расидтис ӕй республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. Сӕйраг мадзаларазæг — парти "Иугонд Уӕрӕсе". Ацы куыст у сæ адӕмон программӕйы ахсджиагдӕр къабӕзтӕй иу. Арӕзтады министрад æмæ Ахуырады Министрадимӕ стæй Регионӕн разамынд дӕттыны центримӕ ацы проект ракодтой бӕстӕйы хуыздӕрты хыгъдмæ. Мӕн зӕгъын фӕнды уый, ӕмӕ скъола йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары хъайтарты ӕмӕ сӕ нывтӕ. Хынцӕм ахуыргӕнджыты, ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ныййарджыты хъуыды. Фарон сарӕзтам 17 нывы. Ацы аз ма нӕ зӕрды ис 23 муралы скӕнын, кӕд нæ боныхъӕд бауадза, уӕд. Бындурон цалцӕг цы скъолаты цӕуы, уыдон бафтаудзысты графикмӕ. Къултыл цы егъау нывтӕ ис, уыдон сӕхимӕ здахынц скъоладзауты цӕстӕнгас. Хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Атарты Георгий куыд нымайы, афтӕмӕй ахӕм дӕнцӕгтӕ ӕххуыс сты сывӕллӕтты раст хъомыл кӕнынӕн. Республикӕйы скъолаты къултыл ныридӕгӕн нывгонд сты Плиты Иссӕйы, Таболты Солтанбеджы, Георгий Жуковы, Ярослав Щербаковы ӕмӕ ӕндӕр хъӕбатырты сурӕттӕ. Проект аразджыты канд скъолаты нӕ фӕнды ныв кӕнын. Сӕ зӕрды ис хуымӕтӕг цӕрӕн хӕдзӕртты къултыл ахӕм нывтӕ аразын, цӕмӕй горӕтты уынгтӕ стыр историон картӕ фестын кӕной. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветеранты портреттæй уæлдай, ныв кӕнынц сӕрмагонд операцийы архайджыты. 47-ӕм скъолайы къулыл — Александр Даниловы сурӕт. Хъайтары фыд йӕ фырты тыххӕй дзуры хиуылхӕцгӕйӕ, фӕлӕ йӕ ныхӕстæ — ахадгæ.  Нӕ лӕппуйы дæнцæг фæзминаг уæнт. Уӕ зӕрдӕтӕ дзаг уӕнт Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинадӕй, йӕ сабырдзинад ӕмӕ йе 'нцойад бахъахъхъӕныны фӕндӕй.  Афтӕ цæры истори. Разӕй — ног скъолатæ ӕмӕ ног нӕмттӕ. Нывтӕ бӕлвырд кӕнынц сӕйрагдӕр: Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджытӕ рох не сты. Ӕнусмӕ — не 'хсæн.

, чтобы оставлять комментарии