Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Офицеры бон
Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Офицеры бон
Уӕрӕсейы бӕрӕг кӕнынц Офицеры бон. Ӕфсӕддонтӕн бæрæгбоны фæдыл раарфӕ кодта Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло. "Мӕ царды фылдӕр хай ӕфсӕддон службӕимӕ баст у. Æз хорз зонын офицеры номы нысаниуæг. Уый у ардбахӕрдыл иузӕрдиондзинад, æмбалад ӕмӕ Райгуырӕн Бӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ цӕттӕдзинад", — загъта регионы разамонӕг. Куыд бафиппайдта, афтӕмӕй абон Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ дарддӕр кӕнынц сӕ рагфыдӕлты цытджын традицитӕ. Бирӕтӕ æххӕст кӕнынц сӕрмагонд æфсæддон операцийы хæстæ. Уыцы фæсивæды 'хсӕн — не 'мзӕххонтæ дæр. Хæцынц ныфсхаст ӕмӕ хъӕддыхӕй. Сӕргълӕууӕг сæрыстырæй бафтыдта, йӕ фырттӕ дӕр ӕфсӕддон фӕндаг кӕй равзӕрстой. Кӕронбӕттӕны йæ зӕрдӕ загъта офицертӕн ӕнӕниздзинад, ӕууӕнкджын ӕмбӕлттӕ ӕмӕ бинонтӕн фарн.