Ушуйæ Хуссар федералон зылды ерысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæ рамбылдта 116 майданы
Ушуйæ Хуссар федералон зылды ерысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæ рамбылдта 116 майданы
116 хæрзиуæгимæ æрыздæхтысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы уæнгтæ Ростовæй. Уым ацыдысты Хуссар федералон зылды ерыстæ ушуйæ. Фараст азæй хистæр спортсментæ сæ арæхстдзинад равдыстой æртæ дисциплинæйы: таолу, кунг-фу æмæ саньдайы. Республикæйы минæвæрттæ æдæппæтæй уыдысты 42 адæймаджы, 4 кары категорийы. Ерысты хуыздæртæ райстой Уæрæсейы чемпионатмæ балцæгтæ. Уый фæдыл сæм фæсивæд сæхи зæрдæргъæвдæй цæттæ кодтой, рамбылтой 52 сызгъæрин, 37 æвзист æмæ 27 бронзæ майданы. Февралы кæрон республикæйы командæ архайдзæн æппæтадæмон турнир «Московские звёзды ушу»-йы. Уырдæм æрбамбырд уыдзысты Китай, Инди, Индонези æмæ æндæр бæстæтæй спортсментæ. Нæ фæсивæд ныфсджын сты. Сæ бæллиц у — Уæрæсейы чемпионаты уæлахиз, ацæудзæн апрелы райдайæны.