Йæ цæрæнбынат æнæбары чи ныууагъта, уыдонæн Цæгат Ирыстоны ссардзысты куысты бынæттæ
Йæ цæрæнбынат æнæбары чи ныууагъта уыцы адæмæн Цæгат Ирыстон у цæттæ куысты бынæттæ раттынмæ. Ныхас цæуы Донецк æмæ Луганскы лигъдонтыл. Уый тыххæй хъусын кæны куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ. Ног къуырийы райдиан уагдоны кусджытæ бабæрæг кæндзысты лыгъд адæмы рæстæгмæ пункттæ. Анкетæтæ æххæст кæнгæйæ æвзардзысты куысты бынæттæ. Дзуапдæттæг комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ ваканситы рæстæмбис нымæц регионы мæймæ у 1 мин 200 куысты бынаты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv