Колытæ I Мыггагæй мæ бафæрс
Зæрдæйы тæгтæй фыст 6 поэтикон æмбырдгонды автор, Уæрæсейы фысджыты Цæдисы уæнг, литературон-аивадон журнал «Ирæф»-ы сæйраг редакторы хæдивæг Колыты Виталий канд стыр курдиаты хицау нæу, фæлæ ма 5 чызджы фыд дæр. Уыцы 5 хуры тыны йын йæ цардвæндаг рухс кæнынц, сты йе стыр уарзты æвдисæнтæ. Чызджытæй иу, Людмилæ абон у нæ уазæг. Ацыд йæ фыды къахвæдтыл. Чи зоны, абон уый дæр фыссы йæ царды сæйрагдæр чиныг, фæлæ уал адæмæн зонгæ у куыд журналист. Цымæ нæ бон суыдзæн 5 чызджы фыдæн йæ зæрдæмæ ныккæсын æмæ дзы ныронг цы сусæгдзинæдтæ æмбæхста, уыдон раргом кæнын? Æмæ дзы цымæ Людмилæ та фыццаг хатт цы фехъусдзæн?