Кады аллейы æрымысыдысты Булкъон Александр Стыцины ном
Кады аллейы æрымысыдысты Александр Стыцины ном. Булкъон фæмард 1996 азы 18 январы, æфсæддон хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ. Уæд æнæзакъонæй арæзт гæрзифтонг адæм архайдтой æфсæддон дæлхайæдты 22-æм бригадӕй отрядыл ныббырсын. Къамандыгæнæг бардзырд радта æфсæддонтæн, цæмæй ахизой ӕрдӕгфӕндаджы арӕн, йæхæдæг баззад дыууæ æфсæддонимæ ацæуæнтӕ хъахъхъæнынмæ. Афтæмæй къорд сæххæст кодта йæ хæс. 58-æм Хуссар æфсæддон зылды сгарджыты хицауӕн йӕ уæлмæрдмæ бахастой дидинджытæ горæты администрацийы уæнгтæ, æфсæддонтæ, 18-ӕм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ хиуæттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv