Стæм низты фæдыл сæрмагонд конференци ацыд Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

2 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Стæм низты фæдыл сæрмагонд конференци ацыд Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

2 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

2 года назад

Стæм низты фæдыл сæрмагонд конференци ацыд Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны. Ахæм низтæ сбæрæг вæййынц 10 мин адӕймагӕй иумӕ. Спикерты 'хсæн медицинон-генетикон консультацийы раззагдæр специалисттæ. Сæрмагондæй ссыдысты Мæскуыйæ. Цæгатирыстойнаг дохтырты æмæ Медицинон академийы студентты зонгæ кæнынц фæстаг информациимæ. Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады хъæппæрисæй ахæм фембæлдтытæ аразынц бæстæйы алы регионы дæр. Цæгат Ирыстоны мадзал цæуы фыццаг хатт. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны генетикон консультацийы разамонæг Габысаты Юлия куыд фæнысан кодта, афтæмæй специалистты хъæуы æмдыхæй архайын стæм низтæ афоныл иртасынæн. Наукон-практикон конференцийы хатдзæгтыл ма иу хатт ныхас цæудзæн Мæскуыйы. Йæ архайджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй ахæм низтæ республикæйы арæх не 'мбæлынц. Ивгъуыд аз фыццаг хатт раиртасын бантыст низтимæ баст 7 цауы.

, чтобы оставлять комментарии