Сергей Меняйло амыдта ӕрвылкъуырион аппаратон ӕмбырд

Сергей Меняйло амыдта ӕрвылкъуырион аппаратон ӕмбырд. Сӕйраг темӕ — артаджы станцӕты басгӕрст. Бӕрӕггонд объекттӕй 25-ы ис артаджы æппæт хуызтӕ, 30 ныртӕккӕ ӕхгӕд сты, ноджы ма 40 станцӕйы — ӕрмӕст 2-3 хуызы артаг. Ныллӕгдӕр ӕргътимӕ бынӕтты рады фæлæууы 10-15 машинӕйы. Уымӕ гӕсгӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг дзуапдæттæг кусджытæн бабар кодта чысыл станцæты хицæутты ӕрӕмбырд кӕнын. Аразгæ дефицит бауромын хъæуы. Регионы разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уавӕры нывылæн хицауад спайда кӕндзæн ӕппӕт хъӕугӕ мадзӕлттӕй дӕр. Куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй артаджы егъау хызты разамынд уайтагъд республикӕйы хъуыдыйы фарс рахӕцыд, цæмæй æргътæ ма рæзой. Зноны къӕвда ногæй расайдта Дзӕуджыхъӕуы Марковы уынджы дӕлдонмæ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады куыд загътой, афтæмæй уавæр иуварсгонд æрцыд сахаты 'рдæгмæ. Фӕлӕ Сергей Меняйло бардзырд радта, цæмæй хæстæгдæр рæстæг бынаты райдайой æвæрын уæрæхдæр хӕтӕлтӕ. Арвыкомы фӕндаг ӕмӕ Транскам гом сты. "Уӕллаг Ларс"-ы арӕныл къуыримæ ахызт 25 мин машинӕйӕ фылдӕр. Ноджы ма республикӕйы сӕргълӕууӕг бардзырд радта, цӕмӕй ныййарджытӕн æрвитой СМС-хъусынгӕнинӕгтæ сывӕллӕтты фыццаг кълӕстӕм ӕмӕ рӕвдауӕндӕттӕм бахӕссыны тыххӕй. Цалдӕр ахсджиаг фӕдзӕхсты — Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ республикӕйы районтӕн. "Хольцман"-ы цæрджытæ цы арӕзтадон куыстыты фæдыл хъаст кæнынц, уыдон бауромын бахæс кодта Сергей Меняйло. Прокуратурӕ сбӕрӕг кӕндзӕн, микрорайоны зӕхх закъоны бындурыл радтой хи къухтæм ӕви нӕ, уый. Ныридӕгӕн тӕрхондонмӕ цӕттӕ кӕнынц домӕн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 428 подписчиков
12+
3 просмотра
8 часов назад

, чтобы оставлять комментарии