Иумæйаг æнгом куыст I Изæры рад
Туризм æмæ ирон æгъдæуттæ. Дыууæ хицæн хъуыддаджы, фæлæ сæ куы баиу кæнæм, уæд ноджы цымыдисагдæр вæййынц. Сæ пайда дæр дывæр у. Иуæй, адæмы æгъдæуттæ хъахъхъæд цæуынц, иннæмæй та сæ хуыздæр базонынц нæ бирæнацион республикæйы минæвæттæ. Уæдæ бæлвырддæр дзурæм рагон ирон æгъдау «цæуæккаг»-ы тыххæй.