Борыхъуаты Зауырбег ӕмӕ Хъӕрӕцаты Светланӕ
Нӕ фембӕлдмӕ чи 'нхъӕлмӕ каст, уыдоны зӕрдӕтӕ та ногӕй барухс кӕндзыстӕм нӕ зонадон телехъазт «Зӕгъ ӕй!»-ы фӕрцы. Абӕрӕг нӕ кодтой мадӕлон ӕвзагыл ӕнувыд адӕймӕгтӕ. Куыд загътой, афтӕмӕй бирӕ ног цыдӕртӕ базыдтой ӕвзаджы сусӕгдзинӕдтӕй. Уыцы фадат дӕттӕм сымахӕн дӕр.